Абон не скъоламæ æрбамбæлд кадджын уазджытæ - Æппæтдунеон Æхсæнадон Змæлд "Иры Стыр Ныхас"-ы сылгоймæгты комитеты куырыхон хистæртæ : комитеты сæргълæууæг Махъоты Иринæ Тазейы чызг, комитеты уæнгтæ Хабæты Риммæ Цæрайы чызг, Гуыйты Светланæ Лазыры чызг, Сланты Светланæ Георгийы чызг æмæ пресс- центры сæргълæууæг Мамиаты Лолитæ.
"Иры Стыр Ныхас"-ы сылгоймæгты комитетимæ не скъола рагæй æмгуыст кæны. Фембæлдтæ дæр фыццаг хатт нæ аразæм. Не скъолайы сæргълæууæг Дзагуырты Фатимæ Омары чызг йæхæдæг дæр у республикон комитеты уæнг. Уымæ гæсгæ, ирон æгъдау æмæ традицитæм не скъолайы ис уæлдай цæстæнгас.
Фембæлды райдайæны скъолайы лæппуты хор равдыста сæ арæхстдзинад кувынмæ æмæ зарынмæ æмæ азарыди дыууæ зарæджы ирон æвзагыл. Уый фæстæ уазджытæн æвдыст æрцыд литературон - музыкалон композици "Ирыстон". Стæй скъоладзаутæ уазджытимæ ныхас кодтой ирон æгъдæуттæ æмæ традицитыл, хъуыстой куырыхон хистæрты фæдзæхстытæм. Скъоладзауты курдиатмæ гæсгæ "Иры Стыр Ныхас"-ы сылгоймæгты комитеты минæвæрттæ сæ фембæлдтæм арæхдæр хондзысты ахуыргæнинæгты. Æнæмæнг, ахæм фембæлдтæ сты ахсджиаг æмæ хъæугæ.