Абон Ирыстон бæрæг кæны Ирон æвзаджы бон. Ацы боны кадæн не скъолайы арæзт æрцыд кадджын мадзал. Скъоладзаутæ дзырдтой аив ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ, акафыдысты нæртон симд, азарыдысты ирон зарджытæ. Бæрæгбоны хъуысти фæндыры цагъд дæр.
Равдысты кæрон скъоладзаутæ фæсидтысты фæсивæдмæ, цæмæй дзурой мадæлон æвзагыл, хайджын уой фыдæлты æгъдау æмæ фарнæй.
Мадзалы фæстæ не скъолайы сæргълæууæг Дзагуырты Фатимæ Омары чызг раарфæ кодта скъоладзаутæн, ахуыргæнджытæн æмæ ма иу хатт ныстуанæн бафæдзæхста кæстæртæн, цæмæй иузæрдион уой мадæлон æвзагыл æмæ аккаг хъæбултæ уой сæ Райгуырæн зæххæн!