Абон, зæрдæвæрæны 15-æм бон, Ирыстон бæрæг кæны Ирон æвзаджы бон. Ацы боны кадæн не скъолайы арæзт æрцыд кадджын мадзал. 2023 аз нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Иванович Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ нымад у "Нартиадæ" - йы азыл. Уымæ гæсгæ бæрæгбоны темæ баст уыд Нарты кадджытимæ. Скъоладзаутæ равдыстой Нарты хъайтарты, радзырдтой кадджыты ахадындзинады тыххæй национ хиæмбарынады, дзырдтой аив ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ, акафыдысты нæртон симд, азарыдысты ирон зарджытæ. Бæрæгбоны хъуысти фæндыры цагъд дæр.
Равдысты кæрон скъоладзаутæ фæсидтысты фæсивæдмæ, цæмæй дзурой мадæлон æвзагыл, хайджын уой фыдæлты æгъдау æмæ фарнæй.
Мадзалы архайдта æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры Стыр Ныхас" - ы ахуырад æмæ ирон æвзаджы комитеты сæрдары хæдивæг Хъæцмæзты Мæдинæ Русланы чызг.
Мадзалы фæстæ не скъолайы сæргълæууæг Дзагуырты Фатимæ Омары чызг раарфæ кодта скъоладзаутæн, ахуыргæнджытæн æмæ ма иу хатт ныстуанæн бафæдзæхста кæстæртæн, цæмæй иузæрдион уой мадæлон æвзагыл æмæ аккаг хъæбултæ уой сæ Райгуырæн зæххæн!