Абон, зæрдæвæрæны мæйы 12-æм боны, не скъолайы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ фыстой "Глобалон диктант" . Ацы аз, нæ республикæйы хицау Сергей Иванович Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ, нымад у Нæртиадæйы азыл . Уымæ гæсгæ тексты темæ баст уыд Нарты кадджытимæ . Диктант ныффыссыныл бацархайдтой 45 адæймаджы : 31 ахуыргæнинаг æмæ 14 ахуыргæнæджы . Уыдонæн сæ кæстæрыл цæуы 14 азы, сæ хистæрыл та , не скъолайы куырыхондæр ахуыргæнæг Раисæ Тимофеевнæйыл- 84 азы! Диктант фыста не скъолайы разамонæг Фатимæ Омаровнæ дæр. Диктанты бæрæггæнæнтæ бæлвырд нæма сты, фæлæ нæ уырны, иууылдæр зæрдиагæй кæй архайдтой ацы мадзалы, уый, стæй ирон æвзагыл иузæрдион кæй сты, уый дæр!